Ирон хъæбысæйхæцджытæ рамбылдтой цыппар майданы Æппæтуæрæсейаг турниры Казаны

© PhotoЦæгат Ирыстоны ерыстæ уæгъдибар хъæбысхæстæй
Цæгат Ирыстоны ерыстæ уæгъдибар хъæбысхæстæй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.09.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 24 сен – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Цыппар ирон спортсмены систы, 21 азы онг кæуыл цæуы, уыдоны `хсæн грекъак-ромаг хъæбысхæстæй XI Æппæтуæрæсейаг турниры призертæ. Уæрæсейы сгуыхт тренер Мягас Сахабутдиновы номарæн ерыстæ ацыдысты Казаны.
Сыгъзæрин майдан рамбылдта Тотраты Алан. Финалы фæуæлахиз Свердловскы облæсты минæвар Запир Гаджиевыл.
Дойаты Арсалан, Габеты Дзамболат æмæ Габеты Георги та баисты бронзæ майданты хицæуттæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0