https://sputnik-ossetia.com/20240924/tsgat-irystony-kusynts-transporton-infrastruktur-fkhuyzdr-knynyl-30497617.html
Цæгат Ирыстоны кусынц транспортон инфраструктурæ фæхуыздæр кæныныл
Цæгат Ирыстоны кусынц транспортон инфраструктурæ фæхуыздæр кæныныл
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 24 сен – Sputnik. Цæгат Ирыстоны маршруттæм рахызтысты ног автобустæ. Уый тыххæй фехъусын кодта республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло. 24.09.2024 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2024-09-24T12:21+0300
2024-09-24T12:21+0300
2024-09-24T12:21+0300
цӕгат ирыстон
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/0a/14/26295876_14:14:483:278_1920x0_80_0_0_7df56830336ca40dfde97bad97a6db57.jpg
ЦХИНВАЛ, 24 сен – Sputnik. Цæгат Ирыстоны маршруттæм рахызтысты ног автобустæ. Уый тыххæй фехъусын кодта республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло.Йæ ныхæстæм гæсгæ, "Æдас æмæ хæрзхъæд фæндæгтæ", зæгъгæ, уыцы национ проектмæ гæсгæ Цæгат Ирыстон балхæдта 57 автобусы. Автопарк кæй фестырдæр, уый руаджы, фылдæр адæм цы маршруттыл цæуы, уыдонæн рахицæн кодтой уæлæмхасæн транспорт.Ныртæккæ ахæм рейсытыл нымад сты Алагир-Дзæуджыхъæу æмæ Беслæн-Дзæуджыхъæу. Алы райсом æппæты фылдæр адæм æрæмбырд вæййы уым: райцентртæй Дзæуджыхъæумæ куыстмæ æмæ ахуырмæ цæуынц сæдæгай адæм. Кæд сæ раздæр радон автобустæм æнхъæлмæ кæсын 15-20 минуты бæрц хъуыд, уæд ныр уыцы интервал фæкъаддæр уыдзæн 5-7 минуты онг.Уымæй дарддæр, сентрябрæй ног автобустæ арвыстой республикæйы дæрдззæф районтæм дæр – Дыгуры æмæ Ирæфы районмæ.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2024
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/0a/14/26295876_33:18:388:284_1920x0_80_0_0_027fe24e938f8f3a07049aaf63c47d4c.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
цӕгат ирыстон, ног хабӕрттӕ
цӕгат ирыстон, ног хабӕрттӕ
Цæгат Ирыстоны кусынц транспортон инфраструктурæ фæхуыздæр кæныныл
ЦХИНВАЛ, 24 сен – Sputnik. Цæгат Ирыстоны маршруттæм рахызтысты ног автобустæ. Уый тыххæй фехъусын кодта республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, "Æдас æмæ хæрзхъæд фæндæгтæ", зæгъгæ, уыцы национ проектмæ гæсгæ Цæгат Ирыстон балхæдта 57 автобусы. Автопарк кæй фестырдæр, уый руаджы, фылдæр адæм цы маршруттыл цæуы, уыдонæн рахицæн кодтой уæлæмхасæн транспорт.
Ныртæккæ ахæм рейсытыл нымад сты Алагир-Дзæуджыхъæу æмæ Беслæн-Дзæуджыхъæу. Алы райсом æппæты фылдæр адæм æрæмбырд вæййы уым: райцентртæй Дзæуджыхъæумæ куыстмæ æмæ ахуырмæ цæуынц сæдæгай адæм. Кæд сæ раздæр радон автобустæм æнхъæлмæ кæсын 15-20 минуты бæрц хъуыд, уæд ныр уыцы интервал фæкъаддæр уыдзæн 5-7 минуты онг.
Уымæй дарддæр, сентрябрæй ног автобустæ арвыстой республикæйы дæрдззæф районтæм дæр – Дыгуры æмæ Ирæфы районмæ.