Хуссар Иры сабитӕ хайад исынц Хетӕгкаты Къостайы бонӕн нывонд нывты конкурсы

© Sputnik / Natalia AiriyanХетӕгкаты Къоста
Хетӕгкаты Къоста - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.09.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 25 сен – Sputnik. Хуссарирыстойнаг скъоладзаутӕн фадат уыдзӕн хайад райсын Хетӕгкаты Къостайы райгуырӕн бонӕн нывонд нывты онлайн-конкурс "Слово и образ"-ы. Уый тыххӕй Sputnik-ӕн радзырдта Хетӕгкаты Къостайы номыл Националон зонадон-культурон центры сӕрдар Ӕлборты Иван.

"Конкурс уагъд цӕуы Хетӕгкаты Къостайы дыууӕ уацмысмӕ гӕсгӕ. Кӕстӕр кары сывӕллӕттӕн мах равзӕрстам уацмыс "Хъуыбады", хистӕр кары къордӕн та "Лӕскъдзӕрӕн". Фӕнды нӕ, цӕмӕй сывӕллӕттӕ сӕ хъуыдытӕ сфӕлындой А4 форматы гӕххӕттыл ӕмӕ сӕ барвитой нӕ сайтмӕ. Ацы аз мах аскъуыддзаг кодтам адарддӕр кӕнын конкурс 6 октябры онг", - радзырдта Ӕлборты Иван.

Уӕлахиздзауты хорзӕхкӕныны церемони ацӕудзӕн 10-ӕй 15-ӕм октябрмӕ Дзӕуджыхъӕуы.
Ног хабӕртты лентӕ
0