Остъаты Алан ӕмӕ Хъӕбӕлоты Виталий ссисты ӕхсӕнадӕмон турниры призертӕ

© Sputnik / Максим Богодвид /  Ахизын медиабанкмæГреко-римаг хъӕбысхӕст
Греко-римаг хъӕбысхӕст - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.09.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 25 сен – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Ирон спортсментӕ Остъаты Алан ӕмӕ Хъӕбӕлоты Виталий рамбылдтой майдантӕ Олимпиаг хъӕзтыты ӕвзист призер, дуне ӕмӕ Европӕйы чемпион владимир Чебоксаревы призтыл XXVIII ӕхсӕнадӕмон турниры греко-римаг хъӕбысхӕстӕй.
Остъаты Алан схызт кады пьедесталы дыккаг къӕпхӕнмӕ 87 килограммы уӕзы категорийы. Финалы ирон спортсмен 8:0 хыгъдӕй фембылд дагестайнаг Милад Алирзаевӕн.
Хъӕбӕлоты Виталий та рамбылдта ерысты бронзӕйон майдан 55 килограммы уӕзы категорийы. Ӕртыккаг бынатыл тохы ирон богал фӕуӕлахиз Кемеровайы областӕй спортсмен Айан Артушевыл 9:0 хыгъдӕй.
Владимир Чебоксаревы призтыл XXVIII ӕхсӕнадӕмон турнир греко-римаг хъӕбысхӕстӕй ацыд 24-25 сентябры Тюмены.
Ног хабӕртты лентӕ
0