Хуссар Иры бакодтой цуаны сезон фæлтæхæг маргъыл

© Fotolia / RodimovpavelЦуанон
Цуанон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.09.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 30 сен – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны бакодтой цуаны сезон фæлтæхæг маргъыл, фехъусын кодта Sputnik-æн геологи, экологи æмæ æрдзæй пайдакæнынады фæдыл комитеты сæргълæууæг Хъæцмæзты Кеннеди.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, цуан кæнын гæнæн ис республикæйы дыууæ егъау цадыл, цы ран мæргътæ рæстæгмæ æрлæууынц.
"Сæ миграцион фæндагмæ гæсгæ, уыдон æрлæууынц Цъунары цады кæнæ Ерцъойы цады цур", - загъта Хъæцмæзты Кеннеди.
Комитеты разамонæг бафтыдта, зæгъгæ, фæлтæхæг маргъыл цуаны сезон райдайы августы æмæ цæуы октябры кæрæтты онг.
Ног хабӕртты лентӕ
0