Хуссар Иры хъӕбысӕйхӕцджытӕ хайад райсдзысты Хӕдӕрцаты ӕфсымӕрты ӕхсӕнадӕмон турниры

© Unsplash / Jacob RiceХуссар Иры хъӕбысӕйхӕцджытӕ хайад райсдзысты Хӕдӕрцаты ӕфсымӕрты ӕхсӕнадӕмон турниры
Хуссар Иры хъӕбысӕйхӕцджытӕ хайад райсдзысты Хӕдӕрцаты ӕфсымӕрты ӕхсӕнадӕмон турниры - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.10.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 1 окт – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны ӕртӕ хъӕбысӕйхӕцӕджы хайад райсдзысты Хӕдӕрцаты ӕфсымӕрты ӕхсӕнадӕмон турниры уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй Дзӕуджыхъӕуы 1-2 октябры.
Чертхъоты Гурам тох кӕндзӕн турниры майдантыл 92 килограммы уӕзы категорийы. Уӕрӕсейы фондз хатты чемпион Дзӕгъиаты Сослан та архайдзӕн турниры 97 килограммы уӕзы категорийы. БРИКС Хъӕзтыты ӕвзист призер Джиоты Азӕмӕт стох кӕндзӕн майдантыл 125 килограммы уӕзы категорийы.
Хӕдӕрцаты ӕфсымӕрты фыццаг ӕхсӕнадӕмон турнир ацӕудзӕн Дзӕуджыхъӕуы спорты галуан "Манеж"-ы. Ерысты хайад исдзысты спортсментӕ 23 бӕстӕйӕ.
Ног хабӕртты лентӕ
0