Хуссар Иры президент снысан кодта Остъаты Роберты ӕрдзӕй пайдакӕнынады комитеты сӕрдарӕй

© Sputnik / Аслан ТедеевПрезиденты администраци
Президенты администраци - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.10.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 1 окт - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан снысан кодта Остъаты Роберты геологи, экологи ӕмӕ ӕрдзӕй пайдакӕнынады комитеты сӕргълӕууӕгӕй, ӕмбӕлон барамынд мыхуыр ӕрцыд паддзахады сӕргълӕууӕджы сайтыл.
"Республикӕ Хуссар Ирыстоны Конституцийы 50-ӕм статьяйы 7-ӕм пунктмӕ гӕсгӕ снысан кӕнын Остъаты Роберты геологи, экологи ӕмӕ ӕрдзӕй пайдакӕнынады комитеты сӕргълӕууӕгӕй", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Барамынд йӕ тыхы бацыд йӕ бафысты бон – 1 октябрӕй.
Комитеты раздӕры разамонӕг Бестауты Балайы ссӕрибар кодтой йӕ бынатӕй ацы азы марты, уӕд президент снысан кодта уагдоны сӕргълӕууӕджы хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕгӕй Хъӕзмӕзты Кеннедийы.
© Пресс-служба президента РЮООстъаты Роберт
Роберт Остаев  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.10.2024
Остъаты Роберт
Ног хабӕртты лентӕ
0