Хуссар Ирыстоны сæйраг педиатр бамбарын кодта, цæмæн кæнынц карантин

© Sputnik / Варвара Гертье /  Ахизын медиабанкмæСывæллæтты рæвдауæндон
Сывæллæтты рæвдауæндон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.10.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 2 окт — Sputnik. Цхинвалы скъолатæй æмæ скъолайы агъоммæйы уагдæттæй кæцыдæрты кæнынц карантин. Уый хъæуы, вирусон æмæ респираторон низтæ цæмæй мауал парахат кæной, уый тыххæй, радзырдта Sputnik-æн Сывæллæтты республикон рынчындоны поликлиникон хайады сæргълæууæг Хæныкъаты Ларисæ.
2 октябрæй Цхинвалы йæ куыст æрурæдта 16 сывæллæтты рæвдауæндон æмæ 6 скъолайы иу кълас. Сæйраг дохтыр куыд загъта, афтæмæй ацы мадзæлттæ эпидеми кæнæ пандемияимæ баст не сты, фæлæ рынчынты нымæц æгæр схызт. Ныййарджытæм æрсидтис, цæмæй, хуыфгæ кæнæ æхснырсгæ чи кæны, уæлдайдæр та тæвд кæмæ ис, уыцы сывæллæтты скъоламæ ма `рвитой.
"Низ йæхæдæг кæй ацæудзæн, ууыл зæрдæ дарын нæ хъæуы. Ничи йæ зоны, цавæр инфекцийыл сæмбæлдзыстæм, уымæ гæсгæ хъæуы дохтыртæм цæуын. Сæ уынаффæтæ сын æххæст кæнын æмбæлы. Рынчын сывæллæттæ хъуамæ уой хæдзары æмæ æнæнизтимæ ма `мбæлой", – загъта Хæныкъаты Ларисæ.
Йæ ныхæстæм бафтыдта, сывæллæтты рынчындоны поликлиникон хайады гриппы ныхмæ вакцинæ саразæн кæй ис.
Ног хабӕртты лентӕ
0