Ирон богалтæ рамбылдтой 10 майданы Хæдæрцаты æфсымæрты турниры

© Photo : Константин Круглянский (НРОФ "Карелин-Фонд")Хæдæрцаты æфсымæрты турнир
Хæдæрцаты æфсымæрты турнир - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.10.2024
Рафыссын
Æртыццæджы Дзæуджыхъæуы ахицæн Хæдæрцаты æфсымæрты æхсæнадæмон турниры уæгъдибар хъæбысхæстæй. Уым сæ тыхтæ фæлвæрдтой 24 бæстæйы спортсментæ. Ирон богалтæн ерыстæ рауадысты "бæркадджын": сæ къухы бафтыдысты 10 майданы – æртæ сыгъзæрин, цыппар æвзист æмæ æртæ бронзæ.
Турниры уæлахиздзаутæ систы Хæдæрцаты Алик, Цæкуылты Батырбег æмæ Кцойты Алихан.
Кады пьедесталы дыккаг къæпхæнмæ схызтысты Тауитты Чермен, Фадзайты Марат, Козырты Сергей æмæ Хуыбылты Ален.
Бронзæ хорзæхты хицæуттæ баисты Хæдзæрæгаты Азæмæт, Дзæгъиаты Сослан æмæ Хосонты Азæмæт.
Ног хабӕртты лентӕ
0