https://sputnik-ossetia.com/20241003/khussar-irystony-pensionerm-ssardtoy-marikhuan-30586767.html
Хуссар Ирыстоны пенсионермæ ссардтой марихуанæ
Хуссар Ирыстоны пенсионермæ ссардтой марихуанæ
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 3 окт - Sputnik. Цхинвалы 65-аздзыд цæрæджы `рцахстой гæны къутæртæ зайын кæныны æмæ марихуанæйæ пайда кæныны тыххæй, хъусын кæны мидхъуыддæгты... 03.10.2024 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2024-10-03T12:17+0300
2024-10-03T12:17+0300
2024-10-03T12:17+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
хуссар иры мхм
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/0a/03/30586197_49:0:582:300_1920x0_80_0_0_8d9ce89d7313a2c4d5e4a1525ed50f76.jpg
ЦХИНВАЛ, 3 окт - Sputnik. Цхинвалы 65-аздзыд цæрæджы `рцахстой гæны къутæртæ зайын кæныны æмæ марихуанæйæ пайда кæныны тыххæй, хъусын кæны мидхъуыддæгты министрады пресс-службæ.Пенсионеры цæрæхадоны ссардтой æртæ гæны къутæры, ноджы дыууæ дзы разынд йæ сарайы. Хæдзары фыццаг уæладзыджы ссардтой, кæй бахусчындæуыд, ахæм къутæр, дыккаг уæладзыджы та – банкæты конд наркотик, фæбæлвырддæр кодтой ведомствойы.Зайæгойты арвыстой экспертон-криминалистон центрмæ. Уым сбæрæг, алкæцыйы дæр дзы кæй уыд наркотикон буарад "тетрагидроканнабинол".Наркологон хайады сбæлвырд кодтой, нæлгоймаг марихуанæйæ кæй пайда кодта, уый. Ныртæккæ у ахст.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2024
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/0a/03/30586197_116:0:516:300_1920x0_80_0_0_690d178fa06555fa99f33468a959b0fc.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, хуссар иры мхм
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, хуссар иры мхм
Хуссар Ирыстоны пенсионермæ ссардтой марихуанæ
ЦХИНВАЛ, 3 окт - Sputnik. Цхинвалы 65-аздзыд цæрæджы `рцахстой гæны къутæртæ зайын кæныны æмæ марихуанæйæ пайда кæныны тыххæй, хъусын кæны мидхъуыддæгты министрады пресс-службæ.
Пенсионеры цæрæхадоны ссардтой æртæ гæны къутæры, ноджы дыууæ дзы разынд йæ сарайы. Хæдзары фыццаг уæладзыджы ссардтой, кæй бахусчындæуыд, ахæм къутæр, дыккаг уæладзыджы та – банкæты конд наркотик, фæбæлвырддæр кодтой ведомствойы.
Зайæгойты арвыстой экспертон-криминалистон центрмæ. Уым сбæрæг, алкæцыйы дæр дзы кæй уыд наркотикон буарад "тетрагидроканнабинол".
Наркологон хайады сбæлвырд кодтой, нæлгоймаг марихуанæйæ кæй пайда кодта, уый. Ныртæккæ у ахст.