Цæуыл дзурдзысты Хуссар Ирыстон, Абхаз æмæ Уæрæсейы ФХМ-ы сæргълæуджытæ

© Sputnik / Natalia AiriyanУæзæгты Юри
Уæзæгты Юри - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.10.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 3 окт – Sputnik, Æлборты Салима. Майрæмбоны, 4 октябры ацæудзысты Уæрæсе, Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы æддагполитикон ведомствоты дыууæварсон æмæ æртæварсон фембæлдтæ. Хуссар Ирыстоны президенты администрацийы информацион-аналитикон управленийы сæргълæууæг Уæзæгты Юрийы ныхæстæм гæсгæ, уынаффæ цæудзæн Хуссар Кавказы ахсджиагдæр фарстытыл.

"Ныхас кæндзыстæм уавæрыл æмткæй: æхсæнадæмон ахастытыл, регионы æдасдзинадыл, афтæ ма Женевæйаг дискусситы форматыл. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ нæ бæстæтæ бафыстой, æддагон политикæйы координацимæ чи хауы, ахæм бадзырдтæ, уымæ гæсгæ не `ддагполитикон ведомствоты сæргълæуджытæ рæстæгæй-рæстæгмæ ауадзынц ахæм фембæлдтæ", – загъта Уæзæгты Юри.

Йæ хъуыдымæ гæсгæ, радон фембæлд иннæтæй уадиссаг нæ хицæн кæндзæн.
Æрæджы Уæрæсейы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавров ской кодта Гуырдзыстонимæ ахастытæ æрнывыл кæныны тыххæй. Уыцы темæ социалон хызæгты ирон сегменты ссис ахсджиагдæртæй иу. Уæзæгты Юри куыд загъта, афтæмæй сомы фембæлды ууыл ныхас ма хъуамæ цæуид.
"Уæрæсейы дæр, Хуссар Ирыстоны дæр æмæ Абхазы дæр хъæуы, цæмæй регионы уавæр фæхуыздæр уа æмæ, эскалацимæ чи `ркæна, ахæм фактортæ дзы мауал уа. Фæлæ цæмæй Хуссар Ирыстон æмæ Абхаз Гуырдзыстоныл иучысыл уæддæр баууæндой, уый тыххæй хъæуынц бæрæг уавæртæ: тыхæй ма спайда кæныны фæдыл бадзырд, паддзахадон арæны демаркаци æмæ делимитаци æмæ æндæртæ. Лавровы хъусинагыл куы дзурæм, уæд уый та мацы ажиотаж хъуамæ расаид: Уæрæсе уыцы позицийыл хæст у æмæ йæ 2008 азæй фæстæмæ бирæ хатты загъта", – фехъусын кодта Уæзæгты Юри.
Ног хабӕртты лентӕ
0