Гаглойты Алан раарфæ кодта уæлвæткон уавæрты министрады кусджытæн

© Пресс-служба президента РЮОХуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан
Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.10.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 4 окт — Sputnik. Уæлвæткон уавæрты министрады сырæзтыл сæххæст 16 азы. Уый фæдыл Паддзахадон драмон театры бæстыхайы уыд цытджын æмбырд. Ведомствойы кусджытæн æмæ ветерантæн раарфæ кодта республикæйы сæргълæууæг Гаглойты Алан. Уый банысан кодта уæлвæткон уавæрты министрады куысты ахадындзинад.
"Сымах хъахъхъæнут адæмы цард æмæ æнæниздзинад. Уæ разы цы хæстæ ис, уыдон уæ къухы фтынц. Зын уавæрты æххуысмæ `рцæут æмæ искæй фервæзын кæныны охыл уæхи цардыл нæ ауæрдут. Ныфс мæ ис, дарддæр дæр афтæ æнтыстджынæй кæй æххæст кæндзыстут уæ хæстæ", – загъта паддзахады сæргълæууæг.
Ног хабӕртты лентӕ
0