Гуырдзыстоны дыууæ æмбæстаджы æрцахстой, арæныл æнæзакъонæй кæй æрбахызтысты, уый тыххæй

© ЦОС ФСБ РФ /  Ахизын медиабанкмæНаручники
Наручники  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.10.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 4 окт – Sputnik. Арæныл æнæзакъонæй кæй æрбахызтысты, уый тыххæй Хуссар Ирыстоны æрцахстой Гуырдзыстоны дыууæ æмбæстаджы, фехъусын кодта паддзахадон æдасдзинады комитеты пресс-службæ.
47-аздзыд Мерабишвили Серго æмæ 43-аздзыд Генгиури Ясон 16 сентябры æрбахызтысты республикæйы территоримæ Цхинвалы районы Громы хъæумæ хæстæг. Нæлгоймæгтыл бакодтой уголовон хъуыддаг.
Цалынмæ хабар æвзæрст цæуы, уæдмæ уыдзысты ахст. Ахæм уынаффæ 27 сентябры рахаста Цхинвалы горæты тæрхондон.
Ног хабӕртты лентӕ
0