Мæскуыйы ацыд Сергей Лавров æмæ Джиоты Æхсары фембæлд

© Sputnik / Пресс-служба МИД РФ /  Ахизын медиабанкмæДжиоты Æхсар æмæ Сергей Лавров
Джиоты Æхсар æмæ Сергей Лавров  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.10.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 4 окт – Sputnik. Мæскуыйы цæуынц Уæрæсе, Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрты дыууæварсон æмæ æртæварсон фембæлдтæ. Уæрæсейы æддагполитикон ведомствойы сæргълæууæг Сергей Лавров йæ хуссарирыстойнаг коллегæ Джиоты Æхсаримæ фембæлды куыд банысан кодта, афтæмæй Цæдисад æмæ интеграцийы фæдыл бадзырдмæ гæсгæ бæстæты ахастытæн ис стратегион характер. Арæзт цæуы иумæйаг хъахъхъæнæн, экономикон, социалон æмæ гуманитарон тыгъдад.
Уымæй дарддæр, Лавров бузныджы ныхæстæ загъта Хуссар Ирыстоны разамындæн, сæрмагонд æфсæддон операцимæ йын цы ахаст ис, уый тыххæй, стæй, Курскы облæсты террористон атакæйы фæстиуæгæн чи бахъыгдард, уыцы уæрæсейаг æмбæстæгтæн кæй æххуыс кæны, уый тыххæй.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, Уæрæсе дарддæр ахъаз кæндзæн Хуссар Ирыстоны алы къабæзты рæзтæн.
"2008 азы цы уынаффæтæ рахастам, уыдонæн ивæн нæй", – загъта министр.
Ног хабӕртты лентӕ
0