Цæгат Ирыстоны фермертæ райстой 130 милуан сомæй фылдæры бæрц гранттæ

© Photo : Telegram / Сергей МеняйлоСергей Меняйло
Сергей Меняйло - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.10.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 4 окт Sputnik. 2024 азы Цæгат Ирыстоны 62 фермерон хæдзарады райстой "Агростартап"-ы премитæ. Сæ иумæйаг бæрц у 132 милуан сомы. Уый тыххæй фехъусын кодта регионы сæргълæууæг Сергей Меняйло.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, уыцы `хцайæ æлхæд æрцыдысты зæххы хæйттæ, цæрæгойтæ, талатæ, техникæ. Бахардз дзы кодтой æндæр нысæнттыл дæр.
Меняйло фæбæлвырддæр кодта, ацы аз конкурсы кæй бацархайдтой 150 адæймаджы. Бирæ куырдиæттæ балæвæрдта фæсивæд. Республикæйы сæргълæууæг куыд загъта, афтæмæй хъæууонхæдзарад у Цæгат Ирыстоны æнтыстджындæр къабæзтæй иу: 2023 азы хоры æмæ хъæдурхуызты тыллæг уыд 850 тоннæйы бæрц. Уымæй дарддæр, фермæртæ æрæмбырд кодтой 27 мин тоннæмæ `ввахс халсартæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0