"Алани" рамбылдта "Черноморец"-ы

© Photo : Официальный сайт Первой лиги (ФНЛ)ФК "Алани"
ФК Алани - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.10.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 7 окт – Sputnik. Цæгат Ирыстоны футболы клуб "Алани" Фыццаг лигайы рамбылдта Новороссийскы клуб "Черноморец"-ы. Матч ацыд "Ахмат Аренæйы", Грознæйы. Ахицæн 2:0 хыгъдимæ.
Голтæ бакодтой Гаглойты Тарас æмæ Нафиков Виктор.
Ацы уæлахизы руаджы "Алани" дих кæны 15-16 бынæттæ Ярославлы клуб "Шинникимæ".
Сентябры æмбисы "Алани"-йы сæйраг тренеры бынат ногæй бацахста Гогниты Спартак. Уый размæ клубæн разамынд лæвæрдта 2019-æй 2022-æм азмæ. Йе `рбаздæхты фæстæ дзæуджыхъæуккæгтæ Уæрæсейы Кубокы рамбылдтой "Амкал"-ы, "Нефтехимик" æмæ "Ротор"-имæ та сæ хъæзтытæ фесты хæрæгсастæй.
Ног хабӕртты лентӕ
0