Гаглойты Алан раарфæ кодта Владимир Путинæн йæ райгуырæн боны тыххæй

© Photo : Пресс-служба президента РЮОГаглойты Алан æмæ Владимир Путин
Гаглойты Алан æмæ Владимир Путин - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.10.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 7 окт – Sputnik. Хуссар Ирыстоны сæргълæууæг Гаглойты Алан раарфæ кодта Уæрæсæйы президент Владимир Путинæн йæ райгуырæн боны тыххæй. Абон ыл сæххæст 72 азы.
Гаглойты Алан банысан кодта, Уæрæсейы хъомыс сæндидзын кæныны хъуыддагмæ Путин стыр æвæрæн кæй бахаста, уый. Хуссар Ирыстоны æдасдзинадæн кæй ахъаз кæны æмæ йын алыварсон æххуыс кæй кæны, уый тыххæй та йын ирон адæмы номæй загъта бузныджы ныхæстæ æмæ иууыл хуыздæр фæндиæгтæ.
"Ныфс мæ ис, Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы `хсæн æмгуыстад æмæ интеграцийы ахастытæ дарддæр кæй рæздзысты", – дзырдæуы арфæйы.
Ног хабӕртты лентӕ
0