Президент Гаглойты Аланæн радзырдтой, æхстыты хабар куыд сгæрст цæуы, уый

© Пресс-служба президента РЮОГаглойты Аланы æмбырд тыхон структурæты къухдариуæггæнджытимæ
Гаглойты Аланы æмбырд тыхон структурæты къухдариуæггæнджытимæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.10.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 7 окт – Sputnik. Цау æрцыд сабаты, 5 октябры, 21:40-ыл. Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнынады министрады кусæг, æнæзакъонæй кæй хаста, уыцы пистолетæй фехста мидхъуыддæгты министрады кусæджы. 31-аздзыд нæлгоймагæн йæ гуыбын фæцис уæззау цæф.
Генералон прокурор Собаты Григори паддзахады сæргълæууæгæн куыд радзырдта, афтæмæй бакодтой уголовон хъуыддаг æмæ снысан кодтой экспертизæтæ, ныхас кæнынц, цауæн æвдисæн чи уыд, уыдонимæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, мидхъуыддæгты органты кусæджы мийæн дæр æрцæудзæн аргъгонд. Уый йæ службæйон хæцæнгарзæй фехста хъахъхъæнынады министрады кусæджы риу. Дыууæ дæр уæззау уавæры æрцыдысты госпитализацигонд.
Мидхъуыддæгты министр Гуыцмæзты Алан æмæ хъахъхъæнынады министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сабанты Инал президентæн фехъусын кодтой, ведомствоты сгæрстытæ кæй цæуы. Гаглойты Алан сын бахæс кодта цау равзарыны фæдыл æппæт хъæугæ мадзæлттæ цыбыр æмгъуыдмæ бакæнын æмæ йын алы бон дæр актуалон бæрæггæнæнтæ хъусын кæнын.
Ног хабӕртты лентӕ
0