Дзæуджыхъæуы сывæллæтты рæвдауæндоны кусæгыл цæудзæн тæрхон

© Depositphotos.com / JanPietruszkaТæрхоны тæраз æмæ дзæбуг
Тæрхоны тæраз æмæ дзæбуг - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.10.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 8 окт — Sputnik. Дзæуджыхъæуы рæвдауæндæттæй иуы кусæджы азымджын кæнынц, сывæллоны кæй фæнадта æмæ йын хъомылгæнинæгтæм æвзæр ахаст кæй уыд, уый тыххæй.
Барадхъахъхъæнджытæ куыд сбæрæг кодтой, афтæмæй сылгоймаг рацахста кæстæр къордæй иу лæппуйы æмæ йæ фехста пъолмæ. Лæппуйæн бахъыгдард йæ къух. Уымæй дарддæр, хъомылгæнæг арæх схуыста иннæ сывæллæтты дæр.
Ныр æй бахъæудзæн тæрхондоны дзуапп дæттын.
Ног хабӕртты лентӕ
0