https://sputnik-ossetia.com/20241008/tskhinvaly-atsyd-zhenevyag-diskussity-msrdrttim-fembld-30625396.html
Цхинвалы ацыд Женевæйаг дискусситы æмсæрдæрттимæ фембæлд
Цхинвалы ацыд Женевæйаг дискусситы æмсæрдæрттимæ фембæлд
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 8 окт — Sputnik, Фатима Плиева. Цхинвалмæ æрцыдысты Женевæйаг дискусситы æмсæрдæрттæ. Делегацийы сконды сты Иугонд Нациты Организаци, ОБСЕ æмæ... 08.10.2024 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2024-10-08T13:58+0300
2024-10-08T13:58+0300
2024-10-08T14:00+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/0b/15/26830910_0:0:3071:1728_1920x0_80_0_0_54c3aa511572074b2efee6ca00a7cabd.jpg
ЦХИНВАЛ, 8 окт — Sputnik, Фатима Плиева. Цхинвалмæ æрцыдысты Женевæйаг дискусситы æмсæрдæрттæ. Делегацийы сконды сты Иугонд Нациты Организаци, ОБСЕ æмæ Евроцæдисы минæвæрттæ. Ам фембæлдысты хуссарирыстойнаг æмсæрдæрттимæ. Иннæ фарстыты `хсæн ныхас цыд дискусситы бынат аивыны фарстыл дæр. Ууыл ивгъуыд къуыри дзырдтой Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы фæсарæйнаг хъуыддæгты министртæ Джиоты Æхсар æмæ Сергей Лавров.Абоны фембæлды Иугонд Нациты Организацийы минæвар Джихан Султаноглу куыд загъта, афтæмæй, цы бадзырд бафыстæуыд, уымæ гæсгæ Женевæйаг дискусситæ хъуамæ цæуой æрмæстдæр Женевæйы."Æмсæрдæрттæ цы организацитæй сты, уыдон æртæйæ дæр – ОБСЕ, Евроцæдис æмæ Иугонд Нациты Организаци дæр – сты ацы бынаты `вварс. Йæ аивыны тыххæй уынаффæйæн рахæссæн ис æрмæстдæр, архайджыты `хсæн консенсус куы уа, уæд", – загъта СултаноглуУазджыты делегацийы минæвæрттæ куыд фехъусын кодтой, афтæмæй гæнæн ис æмæ ивд æрцæуа журналистты куысты уаг Инцидиенттæ ма `руадзын æмæ сæ аиуварс кæныны форматы фембæлдты. Кæд æмæ архайджытæ иумæ уыцы хъуыдымæ `рцæуой, уæд дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттæн сæ бон уыдзæн се `ппæтмæ дæр фарстытæ дæттын. Ныртæккæйы форматмæ гæсгæ журналистты бауадзынц фембæлдæн æрмæстдæр йæ райдианмæ, фембæлды фæстæ та сын фарстытæ дæттæн ис æрмæст сæхи делегациты уæнгтæм
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2024
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/0b/15/26830910_340:0:3071:2048_1920x0_80_0_0_1faee9ec4843945dedae4ef8dbbbda16.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
Цхинвалы ацыд Женевæйаг дискусситы æмсæрдæрттимæ фембæлд
13:58 08.10.2024 (Ранӕуӕггонд: 14:00 08.10.2024) ЦХИНВАЛ, 8 окт — Sputnik, Фатима Плиева. Цхинвалмæ æрцыдысты Женевæйаг дискусситы æмсæрдæрттæ. Делегацийы сконды сты Иугонд Нациты Организаци, ОБСЕ æмæ Евроцæдисы минæвæрттæ. Ам фембæлдысты хуссарирыстойнаг æмсæрдæрттимæ. Иннæ фарстыты `хсæн ныхас цыд дискусситы бынат аивыны фарстыл дæр. Ууыл ивгъуыд къуыри дзырдтой Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы фæсарæйнаг хъуыддæгты министртæ Джиоты Æхсар æмæ Сергей Лавров.
Абоны фембæлды Иугонд Нациты Организацийы минæвар Джихан Султаноглу куыд загъта, афтæмæй, цы бадзырд бафыстæуыд, уымæ гæсгæ Женевæйаг дискусситæ хъуамæ цæуой æрмæстдæр Женевæйы.
"Æмсæрдæрттæ цы организацитæй сты, уыдон æртæйæ дæр – ОБСЕ, Евроцæдис æмæ Иугонд Нациты Организаци дæр – сты ацы бынаты `вварс. Йæ аивыны тыххæй уынаффæйæн рахæссæн ис æрмæстдæр, архайджыты `хсæн консенсус куы уа, уæд", – загъта Султаноглу
Уазджыты делегацийы минæвæрттæ куыд фехъусын кодтой, афтæмæй гæнæн ис æмæ ивд æрцæуа журналистты куысты уаг Инцидиенттæ ма `руадзын æмæ сæ аиуварс кæныны форматы фембæлдты. Кæд æмæ архайджытæ иумæ уыцы хъуыдымæ `рцæуой, уæд дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттæн сæ бон уыдзæн се `ппæтмæ дæр фарстытæ дæттын. Ныртæккæйы форматмæ гæсгæ журналистты бауадзынц фембæлдæн æрмæстдæр йæ райдианмæ, фембæлды фæстæ та сын фарстытæ дæттæн ис æрмæст сæхи делегациты уæнгтæм