Цхинвалы райдыдта Æхсæнадæмон олимпиадæ уырыссаг æвзагæй

© Sputnik / Utkin /  Ахизын медиабанкмæ"Евгений Онегин"-ы фыццаг къухфыст
Евгений Онегин-ы фыццаг къухфыст - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.10.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 7 окт – Sputnik. Цхинвалы Уырыссаг Хæдзар Армавиры паддзахадон педагогон университетимæ иумæ уадзы "ПУШКИН#225", зæгъгæ, ахæм номимæ Æхсæнадæмон олимпиадæ уырыссаг æвзагæй. Уый тыххæй Sputnik-æн фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны Россотрудничествойы минæварады сæргълæууæг Сергей Комиссаров.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, акци уадзынц, номдзыд поэтыл 225 азы кæй сæххæст, уый фæдыл. Пушкины юбилей бæрæг кæнынц афæдзы дæргъы. Олимпиадæйы уæлахиздзаутæн уыдзæн ногдзауты лагерь "Смена" бабæрæг кæныны фадат, афтæ ма сæ бон суыдзæн Уырыссаг æвзаг æмæ культурæйы фестивалы бацархайын.
Фыццаг этап уадздзысты 20 октябрьмæ. Архайджыты хъæудзæн регистраци скæнын æмæ уырыссаг æвзагæй онлайн-тест ахизын. Хуыздæр бæрæггæнæнтæ кæмæн уа, уыдон ахиздзысты дыккаг этапмæ. Уый та цæудзæн офлайн форматы 25-31 октябры.
Ног хабӕртты лентӕ
0