Уæрæсейы ФХМ: Цæгататлантикон альянс кусы Уæрæсейы ныхмæ хæстон архайды варианттыл

© AP Photo / Olivier MatthysНАТО
НАТО - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.10.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 8 окт - Sputnik. НАТО-йы йæ æмбхæсгæ дæр нал кæнынц, Уæрæсейы ныхмæ гæрзифтонгæй рацæуыны варианттыл кæй хъуыды кæнынц, уый, фехъусын кодта Уæрæсейы фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Александр Грушко. Йæ ныхæстæм гæсгæ, альянсы æфсæддон разамынды хæстæ сты бæлвырд æмæ сыл кусынц.
"Фылдæр кæнынц æфсæддон бюджеттæ, цæуы экономикæйы милитаризаци. Быцæйуаг риторикæйæ дарддæр, НАТО æппынæдзух æндыгъддæр кæны, Уæрæсемæ йын цы ахаст ис, уый", – загъта дипломат.
Уымæй дарддæр, банысан кодта, зæгъгæ, Уæресейы архайы, йемæ тыхы `взагыл дзурынæй кæй ницы рауайдзæн, уый равдисыныл. Бафиппайда уый дæр, æмæ фыццаг конфронтацийы фæндагыл Уæрæсе нæ ныллæууыд, фæлæ НАТО, Мæскуыимæ ныхас кæныныл æмæ æдасдзинады проблемæтæ æмдыхæй иуварс кæныныл куы нæ сразы, уæд.
Ног хабӕртты лентӕ
0