Хуссар Ирыстоны срæвдз уыдзæн хъæдæрмæджы экспорт

© Sputnik / Ростислав Нетисов /  Ахизын медиабанкмæХъæды куыст
Хъæды куыст - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.10.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 9 окт – Sputnik. Хуссар Ирыстон райдайдзæн хъæдæрмæджы хуызтæ экспортмæ ласын. Æмбæлон уынаффæ рахастæуыд абон хицауады рабадты.
Фарст раразмæ кодта экономикон райрæзты министр Хъотайты Сæрмæт. Уый фæбæлвырддæр кодта, зæгъгæ, дзырд цæуы æрмæст куыстгонд хъæдæрмæгыл. Министры ныхæстæм гæсгæ, афтæмæй хъæдгуыстгæнæн къабазæн йæ бон суыдзæн экономикæйы райрæзтæн стыр ахъаз фæуын.
Хицауады сæрдар Джуссойты Константин куыд бафиппайдта, афтæмæй ацы проекты руаджы республикæйы фæзындзæн 140 куысты бынаты.
Ног хабӕртты лентӕ
0