Хуссар Ирыстон бацархайдзæн "Интерфуд" æмæ "Продэкспо"-йы

"Продэкспо"-йы ирон стенд
Продэкспо-йы ирон стенд - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.10.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 10 окт – Sputnik. Республикæйы базарадон минæвар Гогинов Таймураз Sputnik-æн куыд фехъусын кодта, афтæмæй Хуссар Ирыстоны продукци фенæн уыдзæн "Интерфуд", зæгъгæ, ахæм равдысты Екатеринбурджы. Мадзал цæудзæн 27 октябрæй 2 ноябрмæ. Уым равæрдзысты бæгæны æмæ, Уæрæсейы Федерацимæ уæймæ кæй ласынц, æндæр ахæм продукттæ.
Уымæй дарддæр, Хуссар Ирыстон бацархайдзæн "Продэкспо-2025"-ы. Уый та уыдзæн февралы Мæскуыйы. Егъау æхсæнадæмон равдысты саргъ кæнынц дунейы алы бæстæты хойраг æмæ нозтæн.
Ног хабӕртты лентӕ
0