Цхинвалы ацыд Æдасдзинады советы рабадт

© Sputnik / Мария СанакоеваХуссир Ирыстоны Æдасдзинады советы рабадт
Хуссир Ирыстоны Æдасдзинады советы рабадт - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.10.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 10 окт – Sputnik. Гуырдзыстоны парламенты æвзæрстытæ кæй æрхæццæ кæнынц, уымæ гæсгæ Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан ауагъта Æдасдзинады советы рабадт. Уым рахастæуыд Гуырдзыстонимæ арæныл уадзæн пунктты куыст бауромыны уынаффæ.
"Раздæхæн" æмæ "Переу" æхгæд уыдзысты 25 октябры райсомы аст сахатæй дыууын æстæм октябры райсомы аст сахатмæ.
"Мах хъуамæ саразæм æппæт дæр не `мбæстæгты æмæ нæ республикæйы æдасдзинад бахъахъхъæныны тыххæй", – загъта Гаглойты Алан.
Гуырдзыстоны парламенты æвзæрстытæ цæудзысты 26 октябры.
Ног хабӕртты лентӕ
0