https://sputnik-ossetia.com/20241011/tsgat-irystony-irtasynts-ursdony-fidar-30659104.html
Цæгат Ирыстоны иртасынц Урсдоны фидар
Цæгат Ирыстоны иртасынц Урсдоны фидар
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 11 окт — Sputnik. Цæгат Ирыстоны æрæвнæлдтой Урсдоны фидар биноныгæй иртасынмæ. Уый тыххæй фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны культурон бынтæ хъахъхъæныны... 11.10.2024 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2024-10-11T11:11+0300
2024-10-11T11:11+0300
2024-10-11T11:11+0300
цӕгат ирыстон
ног хабӕрттӕ
культурӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/0a/0a/30656661_0:0:1366:768_1920x0_80_0_0_ba62fb85de94f49b159d0385255a76bd.jpg
ЦХИНВАЛ, 11 окт — Sputnik. Цæгат Ирыстоны æрæвнæлдтой Урсдоны фидар биноныгæй иртасынмæ. Уый тыххæй фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны культурон бынтæ хъахъхъæныны фæдыл комитеты пресс-службæ.Урсдоны фидар у республикæйы фенддæгты зынгæдæртæй иу. Иртасдзысты йæ Паддзахадон бюджетон куыстуат "Наследие Алании"-йы кусджытæ. Специалистты хъуыдымæ гæсгæ, фортификацион арæзтад хауы нæ эрæйы XI-XII æнустæм, астæуккаг æнусты Аланийы паддзахадон периодмæ. Фæстæдæр æй фестырдæр кодтой æмæ йыл ноджыдæр бакуыстой. Уыдис ын стыр ахадындзинад Уæлладжыры æмæ Куырттаты комы `хсæн фæндагмæ хъус дарыны хъуыддаджы.Куыдфæстæдæр йе `фсæддон нысаниуæг фесæфта æмæ, бирæ æндæр фидæрттау, цадæггай раууатмæ `рцыди.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2024
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/0a/0a/30656661_262:0:1366:828_1920x0_80_0_0_5048cf0000e1313413dc742f902c1ede.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
цӕгат ирыстон, ног хабӕрттӕ, культурӕ
цӕгат ирыстон, ног хабӕрттӕ, культурӕ
Цæгат Ирыстоны иртасынц Урсдоны фидар
ЦХИНВАЛ, 11 окт — Sputnik. Цæгат Ирыстоны æрæвнæлдтой Урсдоны фидар биноныгæй иртасынмæ. Уый тыххæй фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны культурон бынтæ хъахъхъæныны фæдыл комитеты пресс-службæ.
"Нæ нысан у, регионон нысаниуæг кæмæн ис, уыцы культурон бынты объектæн йæ ас, йæ техникон уавæр æмæ йæ архитектурон хицæндзинæдтæ сбæлвырд кæнын", – дзырдæуы хъусинаджы.
Урсдоны фидар у республикæйы фенддæгты зынгæдæртæй иу. Иртасдзысты йæ Паддзахадон бюджетон куыстуат "Наследие Алании"-йы кусджытæ. Специалистты хъуыдымæ гæсгæ, фортификацион арæзтад хауы нæ эрæйы XI-XII æнустæм, астæуккаг æнусты Аланийы паддзахадон периодмæ. Фæстæдæр æй фестырдæр кодтой æмæ йыл ноджыдæр бакуыстой. Уыдис ын стыр ахадындзинад Уæлладжыры æмæ Куырттаты комы `хсæн фæндагмæ хъус дарыны хъуыддаджы.
Куыдфæстæдæр йе `фсæддон нысаниуæг фесæфта æмæ, бирæ æндæр фидæрттау, цадæггай раууатмæ `рцыди.