Цæгат Ирыстоны рабæрæг сты финансон закъонхæлдтытæ

© FreepikПапкæтæ
Папкæтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.10.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 2 окт — Sputnik. Цæгат Ирыстоны амалхъомдзинады къабазы ссардтой закъонхæлдтытæ. Уый тыххæй йæ Telegram-каналы фехъусын кодта регионы сæргълæууæг Сергей Меняйло.
"Мæ уынаффæмæ гæсгæ дарддæр бæрæг цæуы æххæстгæнæн органты куыст. Сгæрстытæй иуы рæстæджы рабæрæг, Амалхъомдзинадæн æххуысы фонды сæргълæууæг йæхицæн кæй рафыста 600 мин сомы преми, æнæзакъонæй зæххытæ хаццоны лæвæрдта, æхца та, йæхи куыд фæндыд, афтæ хардз кодта", – загъта Меняйло.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, закъонхæлдтыты тыххæй æрмæг лæвæрд æрцæудзæн барадхъахъхъæнджытæм, сгæрстытæ та цæудзысты дардддæр.
Ног хабӕртты лентӕ
0