https://sputnik-ossetia.com/20241015/admtn-is-s-khysmt-vzaryny-bar-khussar-irystony-fsarynag-khuyddgty-ministrad-30696383.html
"Адæмтæн ис сæ хъысмæт æвзарыны бар": Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад
"Адæмтæн ис сæ хъысмæт æвзарыны бар": Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 15 окт - Sputnik. Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад загъта йæ хъуыды, Иугонд Нациты Организацийы Адæймаджы барты фæдыл совет цы резолюци... 15.10.2024 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2024-10-15T13:18+0300
2024-10-15T13:18+0300
2024-10-15T13:18+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны фхм
политикӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/05/1a/23552779_0:0:3071:1728_1920x0_80_0_0_6ecf64684b9730031d9d37077552a95b.jpg
ЦХИНВАЛ, 15 окт - Sputnik. Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад загъта йæ хъуыды, Иугонд Нациты Организацийы Адæймаджы барты фæдыл совет цы резолюци райста – "Гуырдзыстонимæ æмгуыстад", зæгъгæ, – уый тыххæй. Документ райстой ивгъуыд къуыри Женевæйы. Йæ фарс уыдысты Евроцæдис, Болгари, Япони, Люксембург æмæ Финляндийы делегацитæ. Резолюцийы ис, æцæгдзинадимæ баст чи нæу, ахæм тезистæ "гуырдзиаг территориты оккупаци" æмæ "Гуырдзыстоны Абхазаг æмæ Цхинвайлаг регионты адæймаджы бартæ хæлд кæй цæуынц", уый тыххæй.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2024
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e7/05/1a/23552779_225:0:2956:2048_1920x0_80_0_0_f397675e6465abc8f84cf233c566ca67.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, хуссар ирыстоны фхм, политикӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, хуссар ирыстоны фхм, политикӕ
"Адæмтæн ис сæ хъысмæт æвзарыны бар": Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад
ЦХИНВАЛ, 15 окт - Sputnik. Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад загъта йæ хъуыды, Иугонд Нациты Организацийы Адæймаджы барты фæдыл совет цы резолюци райста – "Гуырдзыстонимæ æмгуыстад", зæгъгæ, – уый тыххæй.
Документ райстой ивгъуыд къуыри Женевæйы. Йæ фарс уыдысты Евроцæдис, Болгари, Япони, Люксембург æмæ Финляндийы делегацитæ. Резолюцийы ис, æцæгдзинадимæ баст чи нæу, ахæм тезистæ "гуырдзиаг территориты оккупаци" æмæ "Гуырдзыстоны Абхазаг æмæ Цхинвайлаг регионты адæймаджы бартæ хæлд кæй цæуынц", уый тыххæй.
"Дискуссийы архайджыты зæрдыл лæууын кæнæм, Иугонд Нациты Организацийы Уагæвæрды принциптæм гæсгæ адæмтæн кæй ис уыцы бар, æмæ сæхæдæг сæ хъысмæт æвзарой. Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы адæмтæ сæ хъысмæт равзæрстой. Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы Республикæйы банымадтой, Иугонд Нациты Организацийы сконды чи ис, уыцы бæстæтæ, фыццаджыдæр, Уæрæсейы Федераци, уый та у организацийы Æдасдзинады советы æдзухон уæнг. Уымæ гæсгæ "гуырдзиаг территориты оккупацийы" тыххæй цыфæнды ныхæстæ дæр мæнг сты", – банысан кодтой министрады.