Хуссар Ирыстоны сæ хъус æрдардзысты дзæгъæл куыйты популяцимæ

© Photo : Лали Лали / FacebookДзæгъæл куыйтæ
Дзæгъæл куыйтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.10.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 16 окт — Sputnik. Цхинвалы райдайдызсты хæдзарон цæрæгойты регистраци кæнын, хицау кæмæн нæй, уыцы цæрæгойты нымæцмæ дæр дардзысты сæ хъус. Æмбæлон уынаффæ рахастæуыд Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурæйы æмбырды. Уый тыххæй фехъусын кодта ведомствойы пресс-службæ.
Æмбырд ацыд генералон прокурор Собаты Григорийы сæргълæудæй, бацархайдтой дзы Цхинвалы администраци æмæ мидхъуыддæгты горæтаг управленийы минæвæрттæ, афтæ ма цæрæгойты хъахъхъæнджытæ.
Банысангонд æрцыд, дзæгъæл куыйтæ карз социалон проблемæ кæй сты æмæ æмбæстæгæн тæссаг кæй у. Уыйхыгъд, цæрæгойты æхсгæ кæй кæнынц, уый та зиан хæссы адæмы психикæйæн, уæлдайдæр æрыгæттæн.
Æмбырды рахастой, хæдзарон куыйты чи регистраци кæндзæн, ахæм орган снысан кæныны уынаффæ. Æнæмæнхъæуæгыл банымадтой, дзæгъæл цæрæгойтæм хъус дарыны æмæ сæ ахсыны хъуыддаг кæмæн бабар кæной, ахæм орган равзарын дæр.
Ног хабӕртты лентӕ
0