Мæскуыйы ахицæн сты Ирыстоны культурæйы бонтæ

© CirojaБольшой театр
Большой театр - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.10.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 16 окт — Sputnik. Мæскуыйы кæронмæ бахæццæ сты Цæгат Ирыстоны культурæйы бонтæ. Знон Уæрæсейаг сæйраг театры историон сценæйыл ацыд кæронбæттæн концерт. Бацархайдтой дзы Ирыстоны дыууæ хайы аивады дæснытæ. Оркестрæн разамынд лæвæрдта Гергиты Валери.
Концерт бабæрæг кодта æмæ æрæмбырдуæвджытæн арфæйы ныхæстæ загъта Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан. Йæ раныхас фæцис генион Къостайы рæнхъытæй: "Цæйут, æфсымæртау, раттæм нæ къухтæ Абон кæрæдзимæ, Иры лæппутæ".
Уыцы афон Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры сценæйыл та Хетæгкаты Къостайы 165 азы юбилеймæ цыдис Роман Габриайы æвæрд спектакль "Къоста".
Ног хабӕртты лентӕ
0