ПÆК раргом кодта Гуырдзыстонимæ арæныл фæткхæлдтыты статистикæ

© Sputnik / Natalia Airiyan Арæнгæрон зонæ
Арæнгæрон зонæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.10.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 16 окт – Sputnik. Фараст мæймæ 2024 азы Хуссар Ирыстоны паддзахадон арæны хицæн фадгуытыл æрцахстой 232 фæткхалæджы, уыдонæй 117 фехæлдтой паддзахадон арæны режим, 114 та – арæнгæрон режим, фехъусын кодта Паддзахадон æдасдзинады комитеты пресс-службæ.
Арæнгæрон службæ равзæрста алы факт дæр. Сгæрстыты хатдзæгтæм гæсгæ, 12 адæймагыл бакодтой уголовон хъуыддæгтæ, 130 адæймагæн рафыстой административон ивар, 17 адæймаджы та арвыстой Хуссар Ирыстоны территорийæ, уыдонæй асты – иварон санкцитимæ.
Ноджы 56 фæткхалæджы æрцыдысты фæдзæхст, 16 хъуыддаджы та нырма æвзаргæ кæнынц.
Арæнгæрон службæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты æмæ уазджыты зæрдыл лæууын кæны, арæнгæрон зонæмæ цæугæйæ семæ документтæ кæй хъуамæ рахæссой, фæсарæйнаг æмбæстæгтæм та хъуамæ уа уадзæн гæххæттытæ.
Ног хабӕртты лентӕ
0