Ирон дзюдоисттæ архайынц Уæрæсейы чемпионаты

© Sputnik / Артур Лебедев /  Ахизын медиабанкмæФедералон территори "Сириус"
Федералон территори Сириус - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.10.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 17 окт – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Ирон дзюдоисттæ сты Уæрæсейы чемпионаты Сочийы. Ерыстæ райдыдтой абон æмæ цæудзысты 20 октябрмæ. Æдæппæтæй дзы Ирыстонæй архайынц 20 спортсмены – 11 нæлгоймаджы æмæ 9 сылгоймаджы.
Нæлгоймæгтæ:
73 кг онг – Къæбысты Азæмæт æмæ Хуыбиаты Алан;
81 кг онг – Гæмосты Давид æмæ Елбачиты Георги;
90 кг онг – Хацырты Петр;
100 кг онг – Къæбулты Рауль æмæ Кæркуысты Георги;
100 кг уæлдæр – Джиоты Аслан, Къадзаты Арсен æмæ Мæргъиты Ибрагим
Сылгоймæгтæ:
48 кг онг – Челдыты Светланæ;
57 кг онг – Æгъуызарты София;
63 кг онг – Гæджиты Алинæ, Зураты Зæлинæ, Карсанты Виктория æмæ Таболты Адель;
70 кг онг – Зозыраты Илонæ;
78 кг онг – Джиоты Аделинæ;
78 кг уæлдæр – Хъайсынты Мæдинæ
Чемпионаты сыгъзæрин майдан чи рамбула, уыдон райсдзысты 250 мин сомы, æвзист призертæ рамбулдзысты 150 мин сомы, бронзæ майданты хицæуттæ та – 60 мин сомы.
Ног хабӕртты лентӕ
0