Лавров: Ныгуылæйнаг бæстæтæ архайынц Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны уавæр дестабилизаци кæныныл

© Sputnik / Алексей Филиппов /  Ахизын медиабанкмæСергей Лавровы интервью
Сергей Лавровы интервью  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.10.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 18 окт — Sputnik. Хуссар Кавказæн æппæты тæссагдæр у, æндæр регионты бæстæтæ йын йæ хъуыддæгты сæхи кæй тъыссынц, уый, фехъусын кодта Сергей Лавров. Уæрæсейы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр раныхас кодта регионон платформæ "3+3"-йы рабадты Стамбулы.
"Ныгуылæн архайы, Уæрæсейы ныхмæ дыккаг фронт бакæныныл, Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны уавæр дестабилизаци кæныныл, Гуырдзыстон æмæ ацы дыууæ суверенон паддзахады ахастытæ скарз кæныныл", – загъта Лавров.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, ныгуылæйнаг бæстæты сæйраг нысан у, регионыл сæ хъомыс тынгдæр куыд цæуа, афтæ бакæнын, стæй ма Уæрæсейы авналæнтæ къуындæг кæнын, Хуссар Кавказы бæстæтимæ йын йе `мгуыстады фæндæгтæ æхгæнын.
Регионон платформæ "3+3"-йы сконды сты Азербайджан, Гуырдзыстон, Сомихстон, Турк, Иран æмæ Уæрæсейы минæвæрттæ. Гуырдзыстоны хицауад фехъусын кодта, ацы форматы рагæй кæй нал кусынц, уый æмæ Стамбулмæ не `рцыдысты.
Ног хабӕртты лентӕ
0