РХИ шахматты федерацийы разамонæг радзырдта Хетæгкаты Къостайы номарæн турниры хатдзæгтыл

© Photo : Пресс-служба комитета по молодежной политике и спорту РЮОШахматтæ
Шахматтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.10.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 21 окт - Sputnik, Томайты Аманда. Хуссар Ирыстоны ацыд Хетæгкаты Къостайы райгуырдыл 165 азы cæххæстæн нывонд шахматты турнир. Ерысты хайад райстой спортсментæ Хуссар æмæ Цæгат Ирыстонæй, фехъусын кодта Sputnik-æн республикæйы шахматты федерацийы сæргълæууæг Саулохты Георгий.

"Турниры хайад истой 40 шахматисты бæрц Цæгат Ирыстон æмæ Хуссар Ирыстоны районтæй. Ерысты хатдзæгтæм гæсгæ сбæрæг кодтам æртæ уæлахиздзауы: фыццаг бынатыл ацыд Гарциты Хетæг Алагирæй. Дыккаг æмæ æртыккаг бынатыл ацыдысты шахматты скъола "Белая ладья"-йы ахуырдзаутæ Тыбылты Алана æмæ Тыбылты Анна", - банысан кодта Саулохты Георгий.

Хуссар Ирыстоны ивгъуыд къуыри уæрæхæй банысан кодтой Хетæгкаты Къостайы 165 азы юбилей.
Ног хабӕртты лентӕ
0