https://sputnik-ossetia.com/20241023/gagloyty-alan-babarag-kodta-zyngsirvazty-rastadzhy-tsy-binonty-khadzar-basygd-uydony-30784916.html
Гаглойты Алан бабӕрӕг кодта зынгсирвӕзты рӕстӕджы цы бинонты хӕдзар басыгъд, уыдоны
Гаглойты Алан бабӕрӕг кодта зынгсирвӕзты рӕстӕджы цы бинонты хӕдзар басыгъд, уыдоны
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 23 окт - Sputnik, Томайты Аманда. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан бабӕрӕг ӕртыццӕджы Знауыры районы Хъорнисы хъӕуы зынгсирвӕзты рӕстӕджы йӕ... 23.10.2024 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2024-10-23T15:28+0300
2024-10-23T15:28+0300
2024-10-23T15:28+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
гаглойты алан
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/0a/17/30784236_0:120:1280:840_1920x0_80_0_0_535e9ef17353077dd4802da020096f02.jpg
ЦХИНВАЛ, 23 окт - Sputnik, Томайты Аманда. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан бабӕрӕг ӕртыццӕджы Знауыры районы Хъорнисы хъӕуы зынгсирвӕзты рӕстӕджы йӕ хӕдзар кӕмӕн басыгъд, уыцы бинонты.Ныртӕккӕ бинонтӕ цӕрынц чысыл хӕдзары, кӕцы бинонтӕн радтой 12 азы размӕ."Ацы ӕхсӕв мах арвыстам ӕндӕр хӕдзары. Уый нын паддзахад радта 12 азы размӕ, фӕлӕ уым дӕр нӕй цӕрыны уавӕртӕ. Рухс дӕр дзы руагътам знон", - бафтыдта уый.Паддзахады сӕргълӕууӕг банысан кодта, цы хӕдзар басыгъд, уый сцалцӕг кӕнынӕн кӕй нал бӕззы.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2024
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/0a/17/30784236_0:0:1280:960_1920x0_80_0_0_8c92f723aa587600f83792623181ae56.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, гаглойты алан
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, гаглойты алан
Гаглойты Алан бабӕрӕг кодта зынгсирвӕзты рӕстӕджы цы бинонты хӕдзар басыгъд, уыдоны
ЦХИНВАЛ, 23 окт - Sputnik, Томайты Аманда. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан бабӕрӕг ӕртыццӕджы Знауыры районы Хъорнисы хъӕуы зынгсирвӕзты рӕстӕджы йӕ хӕдзар кӕмӕн басыгъд, уыцы бинонты.
"Мах ацы хӕдзары цардыстӕм авдӕй. Мах бирӕйӕ кӕй стӕм, уый фӕдыл рӕстӕгыл базыдтам зынгсирвӕзты тыххӕй. Нӕ хъӕуы цӕрджыты ӕххуысы фӕрцы мах аххуысын кодтам арт, фӕлӕ хӕдзар уӕддӕр нал бӕззы цӕрынӕн", - радзырдта хӕдзары хицау Плиты Славик.
Ныртӕккӕ бинонтӕ цӕрынц чысыл хӕдзары, кӕцы бинонтӕн радтой 12 азы размӕ.
"Ацы ӕхсӕв мах арвыстам ӕндӕр хӕдзары. Уый нын паддзахад радта 12 азы размӕ, фӕлӕ уым дӕр нӕй цӕрыны уавӕртӕ. Рухс дӕр дзы руагътам знон", - бафтыдта уый.
Паддзахады сӕргълӕууӕг банысан кодта, цы хӕдзар басыгъд, уый сцалцӕг кӕнынӕн кӕй нал бӕззы.
"Ацы хӕдзар цалцӕг кӕнынӕн, хъыгагӕн нал бӕззы, уый фӕдыл мах баххуыс кӕндзыстӕм сифтонг кӕнын ӕнӕмӕнгхъӕугӕ дзауматӕй бинонтӕ ӕхсӕв цы хӕдзары арвыстой, уый", - загъта Гаглойты Алан.