https://sputnik-ossetia.com/20241025/gazet-khurzarin-an-raarfa-kodtoy-khetagkaty-kostayy-nomyl-paddzakhadon-premi-raysyny-fadyl-30805740.html
Газет "Хурзӕрин"-ӕн раарфӕ кодтой Хетӕгкаты Къостайы номыл паддзахадон преми райсыны фӕдыл
Газет "Хурзӕрин"-ӕн раарфӕ кодтой Хетӕгкаты Къостайы номыл паддзахадон преми райсыны фӕдыл
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 25 окт – Sputnik. Ӕхсӕнадон-политикон газет "Хурзӕрин"-ы коллективӕн майрӕмбоны раарфӕ кодтой Хуссар Ирыстоны президент ӕмӕ парламенты номӕй Хетӕгкаты... 25.10.2024 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2024-10-25T15:03+0300
2024-10-25T15:03+0300
2024-10-25T15:03+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
президент
ирон æвзаг
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/0a/19/30803899_0:120:1280:840_1920x0_80_0_0_b9d73f78433e3145784ad3c0a81e185f.jpg
ЦХИНВАЛ, 25 окт – Sputnik. Ӕхсӕнадон-политикон газет "Хурзӕрин"-ы коллективӕн майрӕмбоны раарфӕ кодтой Хуссар Ирыстоны президент ӕмӕ парламенты номӕй Хетӕгкаты Къостайы номыл преми райсыны фӕдыл.Парламенты депутат Къуезерты Арсен бахахх кодта, газетӕн кӕй ис егъау нысаниуӕг.Газеты егъау хайбавӕрд республикӕйы журналистикӕмӕ банысан кодта Хуссар Ирыстоны президенты администрацийы сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Тыбылты Алан.Газеты сӕйраг редактор Дамбегты Ирина бузныг загъта республикӕйы къухдариуӕгадӕн президенты сӕргълӕудӕй ӕххуысы тыххӕй.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2024
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/0a/19/30803899_0:0:1280:960_1920x0_80_0_0_4fe0aab1383b2c046937f9a3dafbb27d.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, президент, ирон æвзаг
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, президент, ирон æвзаг
Газет "Хурзӕрин"-ӕн раарфӕ кодтой Хетӕгкаты Къостайы номыл паддзахадон преми райсыны фӕдыл
ЦХИНВАЛ, 25 окт – Sputnik. Ӕхсӕнадон-политикон газет "Хурзӕрин"-ы коллективӕн майрӕмбоны раарфӕ кодтой Хуссар Ирыстоны президент ӕмӕ парламенты номӕй Хетӕгкаты Къостайы номыл преми райсыны фӕдыл.
Парламенты депутат Къуезерты Арсен бахахх кодта, газетӕн кӕй ис егъау нысаниуӕг.
"Хуссар Ирыстоны ахӕм хӕдзар нӕй, цы ран нӕ кӕсынц газет "Хурзӕрин". Газетӕн ис сӕрмагонд бынат кӕсджыты зӕрдӕты", - загъта депутат.
Газеты егъау хайбавӕрд республикӕйы журналистикӕмӕ банысан кодта Хуссар Ирыстоны президенты администрацийы сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Тыбылты Алан.
"Республикӕйы президент ӕмӕ мӕхи номӕй арфӕ кӕнын "Хурзӕрин"-ӕн ацы ахсджиаг преми райсыны фӕдыл. Ирон адӕймаджы цард баст у райгуырӕн бӕстӕ ӕмӕ ӕвзагимӕ. Махмӕ ис дыууӕ сӕйраг газеты ирон ӕвзагыл. Ӕмӕ кӕд "Фидиуӕг" у фылдӕр литературон рауагъдад, уӕд "Хурзӕрин" та у газет йӕ классикон нысаниуӕджы. Бузныг уын ирон ӕвзаг размӕ кӕныны тыххӕй", - банысан кодта Тыбылты Алан.
Газеты сӕйраг редактор Дамбегты Ирина бузныг загъта республикӕйы къухдариуӕгадӕн президенты сӕргълӕудӕй ӕххуысы тыххӕй.