https://sputnik-ossetia.com/20241029/khussar-iry-fnd-knynts-sarazyn-iry-styr-nykhas-y-fsivdon-khayad-30837792.html
Хуссар Иры фæнд кæнынц саразын "Иры стыр ныхас"-ы фæсивæдон хайад
Хуссар Иры фæнд кæнынц саразын "Иры стыр ныхас"-ы фæсивæдон хайад
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 29 окт – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны фæнд кæнынц саразын æппæтдунеон æхсæнадон змæлд "Иры стыр ныхас"-ы фæсивæдон хайад. Уый тыххæй... 29.10.2024 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2024-10-29T16:19+0300
2024-10-29T16:19+0300
2024-10-29T16:20+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
президент
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/07/16/12553105_304:0:3071:1557_1920x0_80_0_0_2a25ba489254857ecb4aa995f0be9a88.jpg
ЦХИНВАЛ, 29 окт – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны фæнд кæнынц саразын æппæтдунеон æхсæнадон змæлд "Иры стыр ныхас"-ы фæсивæдон хайад. Уый тыххæй фехъусын кодта республикæйы президент Гаглойты Алан "Иры стыр ныхас"-ы хуссарирыстойнаг хайады хыгъдон-æвзæрстон конференцийы рæстæджы.Цхинвалы цæуы æппæтдунеон æхсæнадон змæлд "Иры стыр ныхас"хуссарирыстойнаг хайады хыгъдон-æвзæрстон конференци. Æмбырдмæ æрцыдысты делегаттæ республикæйы æппæт районтæй. Конференцийы куысты хайад райстой республикæйы президент Гаглойты Алан æмæ "Иры стыр ныхас"-ы координацион советы сæрдар Уататы Зелимхан.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2024
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/07/16/12553105_813:0:3060:1685_1920x0_80_0_0_f6be6dc8229ecb378723faf0e49d65b8.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, президент
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, президент
Хуссар Иры фæнд кæнынц саразын "Иры стыр ныхас"-ы фæсивæдон хайад
16:19 29.10.2024 (Ранӕуӕггонд: 16:20 29.10.2024) ЦХИНВАЛ, 29 окт – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны фæнд кæнынц саразын æппæтдунеон æхсæнадон змæлд "Иры стыр ныхас"-ы фæсивæдон хайад. Уый тыххæй фехъусын кодта республикæйы президент Гаглойты Алан "Иры стыр ныхас"-ы хуссарирыстойнаг хайады хыгъдон-æвзæрстон конференцийы рæстæджы.
"Хуссар Ирыстоны куыст цæуы "Иры стыр ныхас№-ы фæсивæдон хайад саразыны фæдыл. Нæ хæс у бакæнын советы скондмæ фæсивæды минæвæртты. Цæгат Ирыстоны ацы куыст æрнывыл кодтой. Æмæ фæсивæдон къабазы проблемон фарстытæ иумæйагæй скъуыддзаг кæнынц хистæр кары адæм æмæ фæсивæды минæвæрттæ", - загъта президент.
Цхинвалы цæуы æппæтдунеон æхсæнадон змæлд "Иры стыр ныхас"хуссарирыстойнаг хайады хыгъдон-æвзæрстон конференци. Æмбырдмæ æрцыдысты делегаттæ республикæйы æппæт районтæй. Конференцийы куысты хайад райстой республикæйы президент Гаглойты Алан æмæ "Иры стыр ныхас"-ы координацион советы сæрдар Уататы Зелимхан.