Хуссар Ир фыццаг хатт хайад исы егъау равдыст "InterFood Ural"-ы

© PhotoГогинов
Гогинов - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.10.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 30 окт – Sputnik, Дзӕгъиаты Олег. Хуссар Ирыстон фыццаг хатт хайад исы хӕлцадон продукттӕ ӕмӕ нозты егъау равдыст "InterFood Ural"-ы Екатеринбурджы.
Мадзалы бавдыстой алыгъуызон продукци Хуссар Ирыстонӕй, сӕ нымӕцы бӕгӕны, сӕн ӕмӕ коньяк.
Республикӕйы базарадон минӕвар Уӕрӕсейы Таймураз Гогинов банысан кодта, Хуссар Ирыстоны хайадисты сӕйраг нысан ацы мадзалы у раразмӕ кӕнын республикӕйы бренд, афтӕ ма ссарын ног кусӕгон партнерты.

"Сӕйраг нысан у радзурын Хуссар Ирыстоны бренд ӕмӕ туристон потенциалы тыххӕй, афтӕ ма нӕ экологон сыгъдӕг продукцийы тыххӕй", - бахахх кодта Таймураз Гогинов.

Хуссар Ирыстон хайад исы "InterFood Ural"-ы равдысты республикӕ ӕмӕ Свердловскы областы ӕхсӕн ӕмгуыстады фӕдыл бадзырды фӕлгӕтты.
Ног хабӕртты лентӕ
0