https://sputnik-ossetia.com/20241031/dzauy-poselochy-atsyd-sanakhoty-gennadiyy-nomarn-turnir-boksy-30856948.html
Дзауы поселочы ацыд Санахъоты Геннадийы номарæн турнир боксæй
Дзауы поселочы ацыд Санахъоты Геннадийы номарæн турнир боксæй
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 30 окт – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы ацыд республикæйы хъахъхъæнæг, спорты мастермæ кандидат Санахъоты Геннадийы номарæн гом... 31.10.2024 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2024-10-31T12:18+0300
2024-10-31T12:18+0300
2024-10-31T12:18+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
спорт
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/0a/1e/30853068_0:338:960:878_1920x0_80_0_0_06d2ed10ffb8396e1b1245ec9a18a193.jpg
ЦХИНВАЛ, 30 окт – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы ацыд республикæйы хъахъхъæнæг, спорты мастермæ кандидат Санахъоты Геннадийы номарæн гом турнир боксæй.Ерысты хайад райстой 110 боксерæй фылдæр республикæйы æппæт секцитæй, афтæ ма уæрæсейаг спортсментæ.Санахъоты Геннадий фæмард ис 2004 азы Гуырдзыйы æрбабырсты фæстиуæгæн Тлиахъаны бæрзæндыл тохы рæстæджы. Ууыл гуырдзиæгтæ æрхъула кодтой æмæ сæм бахауд амынæты уæззау цæфтимæ. Æххуысы бæсты лæппуйæн ноджы фæфыдмитæ кодтой. Санахъоты Геннадийӕн йæ мæрдон буар куы ссардтой, уæд ын базонæн дæр нал уыд.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2024
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/0a/1e/30853068_0:295:960:1015_1920x0_80_0_0_dddacba84882d9c6ac339a12b9c49a1c.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, спорт
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, спорт
Дзауы поселочы ацыд Санахъоты Геннадийы номарæн турнир боксæй
ЦХИНВАЛ, 30 окт – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы ацыд республикæйы хъахъхъæнæг, спорты мастермæ кандидат Санахъоты Геннадийы номарæн гом турнир боксæй.
Ерысты хайад райстой 110 боксерæй фылдæр республикæйы æппæт секцитæй, афтæ ма уæрæсейаг спортсментæ.
"Хайадисджыты фылдæр хай уыдысты Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ, уымæ гæсгæ фыццаг командон бынат дæр бацахстам мах. Иууыл фылдæр сыгъзæрин майдантæ рамбылдта Цæгат Ирыстоны командæ, ноджы ма дыууæ фыццаг бынат райста Ставрополы крайы командæ, аннæ сыгъзæрин майдантæ рамбылдтой республикæйы минæвæрттæ", - загъта турниры сæйраг тæрхонгæнæг Кокойты Ирбег.
Санахъоты Геннадий фæмард ис 2004 азы Гуырдзыйы æрбабырсты фæстиуæгæн Тлиахъаны бæрзæндыл тохы рæстæджы. Ууыл гуырдзиæгтæ æрхъула кодтой æмæ сæм бахауд амынæты уæззау цæфтимæ. Æххуысы бæсты лæппуйæн ноджы фæфыдмитæ кодтой. Санахъоты Геннадийӕн йæ мæрдон буар куы ссардтой, уæд ын базонæн дæр нал уыд.