https://sputnik-ossetia.com/20241031/tsgat-iry-prokuratur-sbrg-kodta-fekhldt-spartak-stadiony-rekonstruktsiyy-rstdzhy-30858995.html
Цæгат Иры прокуратурæ сбæрæг кодта фехæлдтæ "Спартак" стадионы реконструкцийы рæстæджы
Цæгат Иры прокуратурæ сбæрæг кодта фехæлдтæ "Спартак" стадионы реконструкцийы рæстæджы
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 31 окт – Sputnik. Цæгат Иры прокуратурæ сбæрæг кодта закъоны фехæлдтæ республикон стадион "Спартак"-ы реконструкцийы рæстæджы. 31.10.2024 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2024-10-31T13:20+0300
2024-10-31T13:20+0300
2024-10-31T13:20+0300
цӕгат ирыстон
ног хабӕрттӕ
арӕзтад
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/0a/1f/30858652_0:1:2393:1347_1920x0_80_0_0_44e69b7e29753ab68ef4616fc2449462.jpg
ЦХИНВАЛ, 31 окт – Sputnik. Цæгат Иры прокуратурæ сбæрæг кодта закъоны фехæлдтæ республикон стадион "Спартак"-ы реконструкцийы рæстæджы.Цæстдардон уагдоны пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй 2022 азы ноябры бафыстæуыд паддзахадон контракт стадионы реконструкцийы фæдыл, фæлæ уагъд не ‘рцыдысты конкурсон процедурæтæ. Арæзтадон куыстыты аргъ фыццаг уыд 458 милуан сомы, фæлæ йæ фæстæдæр фæфылдæр кодтой 671 милуан сомы онг.Уыимæ иумæ нардуатон организаци йæхи тыхтæй нæ фæнд кодта сæххæст кæнын куыстытæ æмæ æвæстиатæй бафыста бадзырдтæ æндæр организацитимæ. Контракт сæххæст кæныны æмгъуыд цалдæр хатт аргъæвтой, куыстытæ та ныры онг дæр нæ фесты.Прокуратурæ барвыста æрмæджытæ фæдагуырды органмæ, цы ран бакодтой уголовон хъуыддаг. Афтæ ма прокуратурæ бадæтта куырдиат Цæгат Иры Арбитражон тæрхондонмæ, цæмæй контракт æмæ уæлæмхас бадзырдтæ банымайой æнæрастыл.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2024
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/0a/1f/30858652_320:0:2241:1441_1920x0_80_0_0_b962f94aff7ae95575186f99da33bb98.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
цӕгат ирыстон, ног хабӕрттӕ, арӕзтад
цӕгат ирыстон, ног хабӕрттӕ, арӕзтад
Цæгат Иры прокуратурæ сбæрæг кодта фехæлдтæ "Спартак" стадионы реконструкцийы рæстæджы
ЦХИНВАЛ, 31 окт – Sputnik. Цæгат Иры прокуратурæ сбæрæг кодта закъоны фехæлдтæ республикон стадион "Спартак"-ы реконструкцийы рæстæджы.
Цæстдардон уагдоны пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй 2022 азы ноябры бафыстæуыд паддзахадон контракт стадионы реконструкцийы фæдыл, фæлæ уагъд не ‘рцыдысты конкурсон процедурæтæ. Арæзтадон куыстыты аргъ фыццаг уыд 458 милуан сомы, фæлæ йæ фæстæдæр фæфылдæр кодтой 671 милуан сомы онг.
Уыимæ иумæ нардуатон организаци йæхи тыхтæй нæ фæнд кодта сæххæст кæнын куыстытæ æмæ æвæстиатæй бафыста бадзырдтæ æндæр организацитимæ. Контракт сæххæст кæныны æмгъуыд цалдæр хатт аргъæвтой, куыстытæ та ныры онг дæр нæ фесты.
Прокуратурæ барвыста æрмæджытæ фæдагуырды органмæ, цы ран бакодтой уголовон хъуыддаг. Афтæ ма прокуратурæ бадæтта куырдиат Цæгат Иры Арбитражон тæрхондонмæ, цæмæй контракт æмæ уæлæмхас бадзырдтæ банымайой æнæрастыл.