https://sputnik-ossetia.com/20241101/khussar-iry-khitsauad-ivyndzindt-bakhasta-2024-azy-paddzakhadon-byudzhetm-30869050.html
Хуссар Иры хицауад ивындзинæдтæ бахаста 2024 азы паддзахадон бюджетмæ
Хуссар Иры хицауад ивындзинæдтæ бахаста 2024 азы паддзахадон бюджетмæ
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 1 ноя – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны хицауад майрæмбоны рабадтыл бахаста ивындзинæдтæ 2024 азы паддзахадон бюджеты фæдыл закъоны проектмæ. 01.11.2024 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2024-11-01T12:23+0300
2024-11-01T12:23+0300
2024-11-01T12:23+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
хуссар иры хицауад
экономикӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/0b/01/30868225_0:161:3071:1888_1920x0_80_0_0_566de90dca2feb8ad8db4a17d3e49af9.jpg
ЦХИНВАЛ, 1 ноя – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны хицауад майрæмбоны рабадтыл бахаста ивындзинæдтæ 2024 азы паддзахадон бюджеты фæдыл закъоны проектмæ.Ацы фарсты фæдыл докладимæ ралæууыд РХИ финансты министр Тадтаты Дзамболат. Йæ ныхæстæм гæсгæ, бюджетмæ ивындзинæдтæ хаст цæуынц, цæмæй æххæст æрцæуа Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы æхсæн социалон-экономикон райрæзты фæдыл бадзырды протокол.Тадтаты Дзамболат бафтыдта, зæгъгæ, ног ивындзинæдты фæстæ республикæйы бюджеты хардзон хай уыдзæн 9 миллиард æмæ 558 милуан сомы, бюджеты дефицит та схиздзæн 687 милуан сомы онг.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2024
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/0b/01/30868225_170:0:2901:2048_1920x0_80_0_0_ebe84707bf95474f56e2ad580a7fc399.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, хуссар иры хицауад, экономикӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, хуссар иры хицауад, экономикӕ
Хуссар Иры хицауад ивындзинæдтæ бахаста 2024 азы паддзахадон бюджетмæ
ЦХИНВАЛ, 1 ноя – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны хицауад майрæмбоны рабадтыл бахаста ивындзинæдтæ 2024 азы паддзахадон бюджеты фæдыл закъоны проектмæ.
Ацы фарсты фæдыл докладимæ ралæууыд РХИ финансты министр Тадтаты Дзамболат. Йæ ныхæстæм гæсгæ, бюджетмæ ивындзинæдтæ хаст цæуынц, цæмæй æххæст æрцæуа Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы æхсæн социалон-экономикон райрæзты фæдыл бадзырды протокол.
"Протоколмæ гæсгæ хъæуы бакæнын астæуккаг æмвæзадмæ Хуссар Ирыстоны кæцыдæр категориты кусджыты мыздтæ. Афтæ ма хъæуы корректировкæ скæнын фиддонты бæрц бюджеты хицæн статьятæн бюджетон фæрæзты сæйраг уагдарты хъæппæрисæй", - банысан кодта финансты министр.
Тадтаты Дзамболат бафтыдта, зæгъгæ, ног ивындзинæдты фæстæ республикæйы бюджеты хардзон хай уыдзæн 9 миллиард æмæ 558 милуан сомы, бюджеты дефицит та схиздзæн 687 милуан сомы онг.