Хуссар Иры Дзауы районы раивтой электроэнергийы цӕджындзтӕ

© Sputnik / Аманда ТомаеваХуссар Иры Дзауы районы раивтой электроэнергийы цӕджындзтӕ
Хуссар Иры Дзауы районы раивтой электроэнергийы цӕджындзтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.11.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 5 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы фӕуд кӕны электроэнергийы хӕххыты егъау реконструкци. Паддзахадон унитарон куыстуат "Энергоресурс"-ы тыхтӕй районы ивд ӕрцыдысты 300 цӕджындзы ӕмӕ раивтой электроэнергийы хӕххыты 30 километры бӕрц. Куыстытӕ уагъд цыдысты районон центры, афтӕ ма Кӕсагджын, Лет, Саджилзаз, Замтарет ӕмӕ ӕндӕр хӕххон хъӕуты.
Куыстытӕ уагъд цыдысты паддзахады сӕргълӕууӕг Гаглойты Аланы фӕдзӕхстӕй, къуырисӕры президент басгӕрста куыстытӕ районы.
"Ӕз зонгӕ дӕн проблемӕтимӕ ӕвзӕрстыты периодӕй фӕстӕмӕ. Хъӕуы цӕрджытӕн хъуамӕ фенцондӕр кӕнӕм сӕ цард. Уагъд ӕрцыд ахсджиаг куыст, ныр ацы ран бирӕ азты дӕргъы нал уыдзӕн проблемӕтӕ электроифтонгадимӕ", - загъта президент.
Сӕудӕджерад, транспорт ӕмӕ энергетикӕйы комитеты сӕрдар Къӕбысты Ацӕмӕзы ныхӕстӕм гӕсгӕ, Дзауы районы электроэнергийы хӕххытӕ нӕ ивтой 50 азы дӕргъы.
Ног хабӕртты лентӕ
0