https://sputnik-ossetia.com/20241106/khussarirystoynag-lenkgandzhyta-rambyldtoy-43-maydany-erysty-kislovodsky-30910791.html
Хуссарирыстойнаг ленкгӕнджытӕ рамбылдтой 43 майданы ерысты Кисловодскы
Хуссарирыстойнаг ленкгӕнджытӕ рамбылдтой 43 майданы ерысты Кисловодскы
Sputnik Хуссар Ирыстон
ЦХИНВАЛ, 6 ноя — Sputnik, Алан Ивахненко. Хуссар Ирыстоны командӕ рамбылдта 23 сыгъзӕрин, 21 ӕвзист ӕмӕ 9 бронзӕйон майданы ленк кӕнынӕй ерысты Кисловодскы... 06.11.2024 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2024-11-06T10:00+0300
2024-11-06T10:00+0300
2024-11-06T11:59+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
спорт
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/0b/05/30907186_0:556:960:1096_1920x0_80_0_0_c39e36f2509834e62b1a67a1d81fe447.jpg
ЦХИНВАЛ, 6 ноя — Sputnik, Алан Ивахненко. Хуссар Ирыстоны командӕ рамбылдта 23 сыгъзӕрин, 21 ӕвзист ӕмӕ 9 бронзӕйон майданы ленк кӕнынӕй ерысты Кисловодскы, радзырдта Sputnik-ӕн тренер Евгения Терлеева.Ерысты призертӕ ссисты ленк кӕныны бассейн "Дельфин"-ы фараст хъомылгӕнинаджы дӕр.Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕввахс рӕстӕджы Мӕскуыйы ацӕудзысты Ӕппӕтуӕрӕсейаг ерыстӕ. Уырдӕм Хуссар Ирыстонӕй ацӕудзысты Уалыты Александр, Тедеты Азӕмӕт, Цхуырбаты Георгий, Болататы Марат ӕмӕ Лалыты Арсен.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2024
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e8/0b/05/30907186_0:466:960:1186_1920x0_80_0_0_7c26365d1cf775b7747881a507f62ed5.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, спорт
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, спорт
Хуссарирыстойнаг ленкгӕнджытӕ рамбылдтой 43 майданы ерысты Кисловодскы
10:00 06.11.2024 (Ранӕуӕггонд: 11:59 06.11.2024) ЦХИНВАЛ, 6 ноя — Sputnik, Алан Ивахненко. Хуссар Ирыстоны командӕ рамбылдта 23 сыгъзӕрин, 21 ӕвзист ӕмӕ 9 бронзӕйон майданы ленк кӕнынӕй ерысты Кисловодскы, радзырдта Sputnik-ӕн тренер Евгения Терлеева.
"Тъотъоты Хасан ӕмӕ Плиты Ацӕмӕзы (Спорты галуан "Олимп") хъомылгӕнинӕгтӕй авд ссисты ерысты призертӕ. Тедеты Азӕмӕт рамбылдта ӕртӕ сыгъзӕрин майданы, Болататы Марат та дыууӕ. Ӕвзист ӕмӕ бронзӕйон майдантӕ рамбылдтой Медойты Арсен, Цхуырбаты Нина, Хъуылымбегты София, Джыгкайты Виктория ӕмӕ Цхуырбаты Сослан", - радзырдта Терлеева.
Ерысты призертӕ ссисты ленк кӕныны бассейн "Дельфин"-ы фараст хъомылгӕнинаджы дӕр.
"Уалыты Александр рамбылдта фондз сыгъзӕрин майданы: ӕртӕ индивидуалон дистанциты ӕмӕ дыууӕ та эстафетӕйы. Лалыты Арсен та райста ӕртӕ сыгъзӕрин ӕмӕ дыууӕ дыккаг бынаты. Уалыты Валерия рамбылдта дыууӕ сыгъзӕрин майданы, Хъазиты Ирэна, Лалыты Анжеликӕ ӕмӕ Лалыты Кристина та фӕйнӕ иу сыгъзӕрин майданы. Дыккаг ӕмӕ ӕртыккаг бынӕттыл ацыдысты Цхуырбаты Георгий, Букуылты Агор ӕмӕ Джиоты Кристина", - бахахх кодта тренер.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕввахс рӕстӕджы Мӕскуыйы ацӕудзысты Ӕппӕтуӕрӕсейаг ерыстӕ. Уырдӕм Хуссар Ирыстонӕй ацӕудзысты Уалыты Александр, Тедеты Азӕмӕт, Цхуырбаты Георгий, Болататы Марат ӕмӕ Лалыты Арсен.