Цхинвалы мэр ӕрдомдта саразын комфортон уавӕртӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнынӕн

© Sputnik / Варвара Гертье /  Ахизын медиабанкмæСабидон
Сабидон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.11.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 6 ноя — Sputnik. Цхинвалы администрацийы сӕргълӕууӕг Гӕбӕраты Алан йӕ дӕлбар организациты разамонджытимӕ рабадтыл бахӕс кодта сбӕрӕг кӕнын сабидӕттӕ ӕмӕ скъолаты проблемӕтӕ, сӕйраджыдӕр, хӕлцад ӕмӕ зымӕгмӕ цӕттӕдзинадимӕ баст фарстытӕ, фехъусын кодта дыццӕджы мэрияйы пресс-службӕ.
"Нӕ ахуырадон уагдӕтты проблемӕтӕй сӕ иу у хӕлцад. Хъӕуы сбӕрӕг кӕнын, цӕмӕн фӕфылдӕр сты хӕрдзтӕ ӕмӕ алцыдӕр саразын, цӕмӕй фидӕны афтӕ мауал ӕрцӕуа. Ӕрныхас кӕнут ацы фарсты фӕдыл экономикон райрӕзты министрад ӕмӕ ӕввонггӕнджытимӕ", - загъта мэр.
Гӕбӕраты Алан ма бахӕс кодта саразын мобилон къорд, цы ран уыдзысты сантехниктӕ ӕмӕ электриктӕ, цӕмӕй оперативонӕй иуварс кӕной фехӕлдтӕ скъолатӕ ӕмӕ сабидӕтты.
Ног хабӕртты лентӕ
0