Хуссар Иры ӕхсӕнадон транспортыл цӕуыны аргъ нӕ фӕивта

© Sputnik / Григорий Сысоев /  Ахизын медиабанкмæДӕс сомы
Дӕс сомы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 08.11.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 8 ноя - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны нӕ фӕнд кӕнынц фӕфылдӕр кӕнын ӕхсӕнадон транспортыл цӕуыны аргъ. Билетты аргъ куыд республикӕйы столицӕ, афтӕ ӕхсӕнгорӕтон рейстыл дӕр нӕ фӕивта. Уый тыххӕй Sputnik-ӕн фехъусын кодта республикон паддзахадон унитарон куыстуат "Хуссар Ирыстоны автотранспорты фӕткдаруат"-ы генералон директор Уалыты Сергей.
Хуссар Ирыстоны мӕйы райдайӕны радон хатт фӕфылдӕр бензины аргъ. Уый фӕдыл 800-ӕй 1000 соммӕ схызт хисӕрмагонд такситы аргъ Цхинвал-Дзӕуджыхъӕу маршрутыл.
"Мах азы кӕронмӕ нӕ нывӕндӕм фӕфылдӕр кӕнын автобустыл цӕуыны аргъ куыд республикӕйы, афтӕ ӕхсӕнгорӕтон рейстыл дӕр", - загъта Уалыты Сергей.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Цхинвалӕй Дзӕуджыхъӕумӕ ӕхсӕнадон транспортыл цӕуыны аргъ у 500 сомы.
Хуссар Иры 1 ноябрæй фæфылдæр уыдзæн бензины аргъ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.11.2024
Хуссар Иры 1 ноябрæй фæфылдæр уыдзæн бензины аргъ
Ног хабӕртты лентӕ
0