Цхинвалы ӕрдзурдзысты Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты историйы фальсификаторты ныхмӕ мадзӕлттыл

© Sputnik / Natalia AiriyanХИПУ
ХИПУ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.11.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 11 ноя - Sputnik. Уӕрӕсе, Абхаз ӕмӕ Хуссар Ирыстоны политиктӕ ӕмӕ зонадон архайджытӕ ралӕудзысты Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты историйы фальсификацийы ныхмӕ архайды фӕдыл ӕхсӕнадӕмон конференцийы. Уый тыххӕй Sputnik-ӕн фехъусын кодтой Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты пресс-службӕйы.
Конференци "Историческая память о геноциде народов Советского Союза в период Великой Отечественной войны: фактология и псевдоистория в формировании справедливого мирового порядка" ацӕудзӕн 15 ноябры.
"Конференцийы программӕйы ис Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты фальсификаци ӕмӕ ныгуылӕйнаг пропагандӕйы ныхмӕлӕудӕн нывонд докладтӕ ӕмӕ ралӕудтӕ", - банысан кодтой ХИПУ-йы.
Конференцийы организатортӕ сты ХИПУ, коммуникациты райрӕзты Ӕхсӕнадӕмон институт "Мир-Мост-Осетия", Уӕрӕсейы фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрад, Уӕрӕсейы минӕварад Хуссар Ирыстоны, Россотрудничествойы минӕварад республикӕйы, Уӕрӕсейы историон ӕхсӕнад ӕмӕ УФ социалон программӕтӕн ӕххуысы национ фонд.
Ног хабӕртты лентӕ
0