Уалыты Зара: "Булæмæргъ"-ы архайджыты куыстытæ публикаци æрцæудзысты литературон журналты

© Пресс-служба посольства РЮО в РФӔхсӕнадӕмон литературон преми "Булӕмӕргъ"
Ӕхсӕнадӕмон литературон преми Булӕмӕргъ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.11.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 12 ноя — Sputnik. Кæронмæ бахæццæ преми "Булæмæргъ"-мæ куырдиæттæ исыны æмгъуыд. Хатдзæгтæ йын скодта конкурсы бæрнон секретарь Уалыты Зара.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы аз фыццаг хатт Ӕхсӕнадӕмон литературон преми "Булӕмӕргъ"-ы лауреатты поэтикон уацмыстӕ ратӕлмац кодтой уырыссаг ӕвзагмӕ.
"Лаборатори ацы куыст бакодта цыбыр ӕмгъуыдмӕ, уыимӕ иумӕ райстой фӕлтӕрддзинад ӕмӕ хӕларады бастдзинӕдтӕ сарӕзтой сӕ ирон коллегӕтимӕ. Иууыл сӕйрагдӕр та – бадзырдтой, уыцы тӕлмац уацмыстӕ публикацигонд кӕй ӕрцӕудзысты литературон журналты. Ацы ӕнтысты фӕрцы нырыккон ирон поэзийы зӕлтӕ айхъуысдзысты Уӕрӕсейы алы къуымты. Уӕдӕ уый у нӕ чысыл, фӕлӕ зынгӕ хайбавӕрд нырыккон ирон литературӕйы райрӕзты хъуыддагмӕ", - загъта Уалыты Зара.
Афтæ ма бæрнон секретарь бахахх кодта, ацы аз фыццаг хатт кæй сарæзтой хицæн номинаци уырыссаг æвзагыл чи фыссы, уыцы автортæн.
"Ацы номинацимæ фылдæр адæм бавдыстой сæ куыстытæ", - загъта Зара.
Уый ма бафтыдта, зæгъгæ, æдæппæтæй премимæ æрбавдыстой 91 уацмысы.
"Ацы аз нӕм ӕрбавдыстой куыстытæ Мӕскуы, Абхаз, Ленинграды област, Донбасс, Пермы край, Екатеринбург, Чебоксары, Омск, Курск, Белгород, Астрахан, Казан ӕмӕ ӕндæр регионтæй" - загъта Уалыты Зара.
Ног хабӕртты лентӕ
0