Абхазы президент бадӕтта куырдиат отставкӕйы фӕдыл

© Sputnik / Томас ТхайцукСторонам удалось прийти к консенсусу, брифинг с журналистами
Сторонам удалось прийти к консенсусу, брифинг с журналистами - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.11.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 19 ноя - Sputnik. Абхазы президент Аслан Бжания цӕуы отставкӕйы хицауад ӕмӕ оппозицийы минӕвӕртты астсахатон баныхасы хатдзӕгтӕм гӕсгӕ, хъусын кӕны Sputnik Абхаз.
Аслан Бжания цӕуы отставкӕйы Абхазы президенты бынатӕй.
Протесты лӕууӕг адӕм 2024 азы 19 ноябрмӕ хъуамӕ ацӕуой хицауадон бӕстыхӕйтты комплексӕй, кӕннод Бжания нал ацӕудзӕн отставкӕйы.
Парламент 2024 азы 19 ноябры ӕркӕсдзӕн куырдиатмӕ президент Бжанияйы отставкӕйы фӕдыл.
Паддзахады сӕргълӕууӕджы хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Бадра Гунба ссӕрибар кӕндзӕн йӕ бынатӕй премьер-министр Александр Анквабы ӕмӕ снысан кӕндзӕн ацы бынатмӕ Валерий Бганбайы.
Абхазы вице-президент Бадра Гунба бахахх кодта, зӕгъгӕ, Аслан Бжания аскъуыддзаг кодта ацӕуын отставкӕйы бӕстӕйы сабырад бавӕрыны охыл.
Ног хабӕртты лентӕ
0