Гаглойты Алан раарфæ кодта Цыбырты Людвигæн йæ райгуырæн боны цытæн

© Sputnik / Михаил АвагимовГаглойты Алан æмæ Цыбырты Людвиг
Гаглойты Алан æмæ Цыбырты Людвиг - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.11.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 19 ноя — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан арвыста арфæйы тел республикæйы фыццаг президент, историон зонæдты доктор, профессор Цыбырты Людвигмæ йæ райгуырæн боны цытæн.
"Чидæриддæр Демæ куыста, уыдон Дæ зонынц куыд зынгæ паддзахадон æмæ политикон архайæг, номдзыд ахуыргонд. Куыуарзонад, курдиат æмæ адæймагон миниуджыты руаджы Дæуæн ис стыр авторитет Ирыстон æмæ Уæрæсейы зонадон зылдты. Дæ нонимæ баст у нæ бæстæйы паддзахаддзинады арæзтад æмæ райрæзт", - дзырдæуы арфæйы тексты.
Президент фидарæй загъта, Цыбырты Людвиджы фæлтæрддзинад æмæ æхсæнадон архайд кæй сты ирд дæнцæг кæстæр фæлтæрæн.
Ног хабӕртты лентӕ
0