Цхинвалы милици рейдты фӕстиуӕгӕн фӕивар кодта ӕхсӕз фӕсарӕйнаджы

© Photo : Пресс-служба МВД РЮОЦхинвалы милици рейдты фӕстиуӕгӕн фӕивар кодта ӕхсӕз фӕсарӕйнаджы
Цхинвалы милици рейдты фӕстиуӕгӕн фӕивар кодта ӕхсӕз фӕсарӕйнаджы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.11.2024
Рафыссын
ЦХИНВАЛ, 19 ноя - Sputnik. Цхинвалы миграцийы фарстыты фӕдыл фӕткдаруаты кусджытӕ рейдты фӕстиуӕгӕн фӕивар кодтой ӕхсӕз фӕсарӕйнаг ӕмбӕстаджы, хъусын кӕны дыццӕджы Хуссар Ирыстоны мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.
Фӕткдаруаты инспектортӕ ӕдӕппӕт басгӕрстой 47 фӕсарӕйнаг ӕмбӕстаджы.
"Милицийы кусджытӕ ӕхсӕз мигранты фӕдыл сарӕзтой административон протоколтӕ. Се ‘ппӕтӕн дӕр рахастой административон ивар", - банысан кодтой министрады.
Уагдоны бафтыдтой, зæгъгæ, миграцийы фарстыты фæдыл фæткдаруат йæ цæст дары мигрантты уæвынадмæ республикæйы.
Ног хабӕртты лентӕ
0